«Сараз вакцинæ æмæ рамбул» хъазты фыццаг 160  уæлахизгонд рабæрæг ис, уыдон æмтгæй райсгæйæ  рамбылдтой 20 000 лари
«Сараз вакцинæ æмæ рамбул» хъазты фыццаг 160 уæлахизгонд рабæрæг ис, уыдон æмтгæй райсгæйæ рамбылдтой 20 000 лари

Веб-фарсыл stopcov.lotto.ge лæтæрейы  «Сараз вакцинæ æмæ рамбул»-ы фыццаг хъазты  фæстиуджытæ   равæрдтой.  12:00 сахатыл  веб-фарсыл  stopcov.lotto.ge «Сараз вакцинæ æмæ рамбул»-ы фыццаг хъазт ацыд. Рабæрæг ис  160  уæлахизгонд, кæцыты нымæцы  500 æмæ 100 ларийы  рамбылд райуæрстой.

Лæтæрейы компанийы  хъусын кæнынц, цæмæй  фæнды  иу хаттонæй  вакцинацигонд  алы  æмбæстагæн йæ бон  у  сæрмагонд  рамбылд сбæрæг кæнын – веб-фарсыл  stopcov.lotto.ge хисæрмагонд номырмæ гæсгæйæ.

Компанийы  хъусинагæй,  веб-фарсыл  stopcov.lotto.ge,  æрвылбйонон хъазты  160  уæлахизгонды рабæрæг кæндзысты; æрвылкъуырион  хъазты 17  уæлахизгонды; хатдзæгон  хъазты та  иу  уæлахизгонды, кæцы  рамбулдзæн 100000  ларийы.  Æрвылбйонон хъазты  призтæ  уыдзæн  100 æмæ 500 дарийы; æрвылкъуырионы  1000, 1500 5000 æмæ 10 000 лари. Хатдзæгон  хъазты   джекпот та уыдзæн  100 000 лари.

Хъазты хайад исынц Гуырдзыстоны вакцинацигонд алы   æмбæстаг. STOPCOVID лæтæрейы  хъазты билетты  (электронон)  вакцинацигонд   æмбæстæгтæ паддзахадæй,   вакцинацийы рæстæджы  æнæфидгæйæ  автоматонæй  исынц.