Сандра Гаделиа  Сабион Евроуынынадыл  æхсæзæм бынат  бацахста
Сандра Гаделиа Сабион Евроуынынадыл æхсæзæм бынат бацахста

Гуырдзыстоны  минæвар  Сандра Гаделиа  Сабион Евроуынынад 2020-ы конкурсыл  æхсæзæм бынат  бацахста.  Гуырдзиаг конкурсант  111  балл  æрымбырд кодта. Испани  æмæ  Украина  Гуырдзыстоны минæварæн  раттой  12  баллы.

Сандра Гаделиа  конкурсыл  абон 7-æм номырæй   рацыд. Гуырдзиаг конкурсант  сыххæст кодта Гига Кухианидзейы  конкурсон  зарæг «Ды иунæг нæ дæ» (You are not alone).

Пандемийы тыххæй  Сабион Евроунынады  ацы азы   конкурс хайгай дистанцион режимæй  ацыд. . Сабион еврофестивалы  12 бæстæйы   минæвæрттæ  истой  хайад.

Сабион Евроуынынады  конкурсыл   схъæлæс  кæнын  гæнæн уыд онлайн режимæй.  Сабион Еврофестивалы  комкоммæ  трансляци, т радиционæй  цыдис   Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл.