Саломэ Зурабишвили -  тынг хъынцъым кæнæм  Ереваны æрцæугæ  стынды  тыххæй,  сомихаг адæмæн йæ фарсмæ лæууын
Саломэ Зурабишвили - тынг хъынцъым кæнæм Ереваны æрцæугæ стынды тыххæй, сомихаг адæмæн йæ фарсмæ лæууын

Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  Ереваны æрцæугæ  стынды тыххæй  фæмардуæвджыты  бинонтæн хъыгтæ æмæ  мæсæллытæ дзуры.

Президенты дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон лæууы  Сомихаг адæмæн йæ фарсмæ.

«Тынг  хъынцъым кæнæм  Ереваны æрцæугæ трагедийы  тыххæй.  Тæфæрфæс кæнын   фæмардуæвджыты бинонтæн  æмæ  æнæхъæнæй сомихаг дзыллæйæн», –  фыссы Саломэ Зуравбишвили Твиттеры.

Сомихыстоны сæйраг горæты  стынд 14 августы базарадон  центры   пиротехникæйы  æвæрæны æрцыд. Ереваны базарадон центры  стынды фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты нымæц 16-ы онг  сырæзт.