Саломэ Зурабишвили – тынг хъыг мын у Буба Кикабидзейы  мæлæт, йæ сфæлдыстад стыр фæд ныууагъта, аивадуарзджыты зæрдæты
Саломэ Зурабишвили – тынг хъыг мын у Буба Кикабидзейы мæлæт, йæ сфæлдыстад стыр фæд ныууагъта, аивадуарзджыты зæрдæты

 

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  Вахтанг (Буба) Кикабидзейы   мæлæты тыххæй  хъыгзинад  æвдисы.

«Тынг хъыг мын у гуырдзиаг  культурæйы номдзыд  аивадархайæгы Буба Кикабидзейы  мæлæт.

Йæ сфæлдыстад  æмæ аивад   сæрмагонд фæд ныууагъдтой  бирæнымæцон  уарзджыты зæрдæты.  Тæфæрфæс кæнын  йæ бинонтæн, хæлæрттæн æмæ хæстæджытæн», –  фыссы Саломэ Зурабишвили  социалон хызаджы.

Зарæггæнæг, киноартист, режиссер, сценарист, Гуырдзыстоны  адæмон артист  Вахтанг (Буба) Кикабидзе,  84 азы кары  амард.