Саломэ Зурабишвили хъусын кæны, цæмæй арæзт æрцæудзæн совет, кæцыйы мандат уыдзæн ног æвзæрстытæ бацæттæ кæнын
Закъонон, конституцион фæндаг нæй, æрмæст ма баззад ног æвзæрстытæ сидын. Уый у адæмы æркуырд, мæ æркуырд, политикон партиты, хуымæтæг æмбæстæгты æмæ æппæт ацы маршты иумæйаг, тыхджын æркуырд, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент, Саломе Зурабишвили видеосидты рæстæджы расидтис.
Зурабишвилийы ныхасмæ гæсгæ, кризисы æрбæстон кæнынæн чысыл рæстæг баззад æмæ уый цæттæ у ацы къуыри Бидзина Иванишвилиимæ æмæ «Гуырдзиаг бæллиццы» минæвæрттимæ ног æвзæрстыты фарстайы фæдыл фембæлд ауадзын.
«Цæмæй ахæм кризис аскъуыддзаг кæнæм, кæцы ран абон стæм, ис дыууæ æскъуыддзаг. Иу уый у, цæмæй æвзæрстытæм бахæццæ уой цыбыр рæстæгмæ æмæ ахæм уавæрты, цæмæй æвзарджыты æууæнк сног уа, науæд ницы мидис уыдзæн. Æууæнкдзинад сног кæнынæн æнæмæнгхъæугæ у разамонæг къордимæ бадзырдмæ æрцæуын, цæмæй æвзæрстытæ ацæудзысты бадзырдгонд æмгъуыдмæ æмæ ацы бадзырдгонд уавæрты. Ацы фарстаты фæдыл хъуамæ уа диалог мемæ, куыд æхсæнлæг, æмæ ацы æвзæрстыты чи архайдта, уыдонимæ дæр. Иннæрдыгæй, Иванишвили æмæ йæ снысангонд, нæ зонын цал минæвары йæ партийæ, цы йæ фæнды. Принципиалонæй, кæд иунæгæй æрбацæуа, уæддæр ницы у, æз уæд иунæг уыдзынæн. Уымæн нын рæстæг хæрзчысыл ис, кризисæн йæ бон нал у æнхъæлмæ кæсын, æмæ кæд ацы къуыри æрцæуæм ахæм хъуыдымæ, цæмæй хъуамæ аудæм ацы бæстæмæ, ацы æхсæнадмæ, æрсабыр уæм, раттæм, цы у æцæг сабырдзинадæн, фарн, уæд æмбæлæм, цы хъуамæ æрæвæрæм. Ацы къуыри, 29-æм бонмæ цæттæ дæн æмæ йæ цыфæнды форматы дæр райсдзынæн, баныхас кæнæм æмæ тынг æнцон уыдзæн» -расидтис Саломэ Зурабишвили.
Саломэ Зурабишвили сиды, цæмæй хъæуы концесси, диалог, кæнæ та альтернативæ у режимы ныппырх.
Нæ бæстæйæн хъæуы компромиссы вариант, диалог, кæд нæ фæнды, цæмæй ацы бæстæ бахауа ноджы фыддæр кризисмæ, кæцы уыдзæн æппæтдунеон æмæ цыран мах иууылдæр фесафдзыстæм, цы нæ къухы бафтыд азты, дæсгай азты дæргъы, æмæ кæм мах æцæгæйдæр бахæццæ стæм Евроцæдисы дуармæ. Кæд æмæ дыккаг вариант нæу, уæддæр æвзæрстытæм бахæццæ уыдзыстæм ацы режимы ныппырхæй. Æндæр гæнæн нæй, режим ныридæгæн хæлы æмæ цыма алы бон дæр, æхсæнады ног сегменттæ, æндæр æмæ æндæр фадгуыты ног бæрнон кусджытæ, ног бизнес æрбаиу вæййынц протестмæ.
Режимы ныппырх кæнын, уый у альтернативæ, кæнæ диалог, компромисс, концесси, алцыдæр афтæ нæ уыдзæн, куыд «бæллиц» хъуыды кæны. Хъæуы раттын, хъæуы иуæй-иу хъуыддæгтыл сразы уæвын, фæлæ компромисс гæнæн ис. Кæд нæ, уæд уый у режимы ныппырх, кæцы йæхигъæдæй ныппырх вæййы. Ам никæй къух ис, нæдæр хæстон парти, нæдæр Гомиты парти, никæй къух. Уый уæ къух у, кæцытæ сты хицауиуæгады, уымæн æмæ сымах афоныл нæ æрцыдтæ уæ зондмæ æмæ нæ федтат, куыд хъуамæ æрцæуа ацы бæстæмæ æмæ йæ æууæнк уæм нæ дардтаид. Дыккаг фазæйæн, кæцы тынг тагъд райдайдзæн, кæд тынг тагъд дзуапп нæ райсдзынæн, уæд дыккаг фазæмæ иууылдæр хъуамæ уæм цæттæ, æмæ æз дæр цæттæ дæн, цæттæ уыдзынæн куыд президент, кæцы йæ легитимондзинад, йæ роль куыд ацы бæстæйы минæвар æмæ стабилондзинады векторы хуыз, кæцы афтæдæр уыдзæн æппынæдзух контакты нæ фæсарæйнаг партнертимæ. Семæ алы бон дæр æппынæдзух контакты дæн æмæ тынг хорз уынынц, цы цæуы, цас æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй æппынкъаддæр иу уагдон баззайа бæстæйы, кæцы уыдзæн хæдбар, æнæхин æмæ фидæны этапты æхсæнлæггæнæг», – загъта Саломэ Зурабишвили.
Уыимæ иумæ Саломэ Зурабишвили сиды, цæмæй арæзт æрцæудзæн совет, кæцыйы мандат уыдзæн ног æвзæрстытæ бацæттæ кæнын.
«Ацы рæстæгæн разамынд дæттыны тыххæй дæр арæзт æрцæудзæн совет, ацы советы мандат уыдзæн æрмæстдæр иу – ног æвзæрстытæ бацæттæ кæнын». Ныридæгæн арæзт цæуы документ, æмæ æвæццæгæн райсом дæр сцæттæ уыдзæн, кæцы нысан кæны уыцы уавæртæ, кæцытæ сты минималон уавæртæ æвзæрстытæн хæрз тагъд ауадзынæн. Уæд уыдзæн домæн, бацæттæ кæныны куыст æмæ мах нæхæдæг дæр уыдзыстæм цæттæ алы къуымæй, алы гæнæн æрдæм, уымæн æмæ ацы ног æвзæрст æцæгæйдæр уыдзæн ног æвзæрст», – расидтис Саломэ Зурабишвили.