Саломэ Зурабишвили Иашвили номыл клиникæмæ стынды фæстиуæгæн фæцæфуæвджыты бæрæгдзау бацыд
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурадишвили Иашвилийы номыл клиникæмæ бацыд, цы ран абон Тбилисы стынды фæстиуæгæн зианбаййафджыты бабæрæг кодта.
Фыццаг Къаналы информацийæ, клингикæмæ бацæудзæн Гуырдызстоны премьер-минстр мамука Бахтадзе дæр.
Диди Дигъомийы срæмыгъды фæстиуæгæн æртæ адæймаг фæхъуыд. Ис дзы зиангондтæ дæр. Уæвæг информацийæ, фæцæф ис фондз адæймаг, уыдонæй æртæ сывæллæттæ сты.
Æнæнизхъахъъæды министр куыд дзуры афтæмæй, сывæллæтты æнæниздзинады уавæр уæззау нæу æмæ сæ цардмæ зæгъгæ ницы тас æртъхъирæн кæны. Диди Дигоъмийы корпусæй кæцыйы стынд æрцыд, сæххæст ис цæрджыты эвакуаци.
Уæвæг информацийæ, гæнæн ис стынд æрцыд газы рахъарыны тыххæй, иуæй-иу цæрæн корпусы æхсæзæм уæладзыгыл. Бынатыл уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты минæвæрттæ кусынц.