Саломэ Самадашвили – сидын алы æмбæстагмæ, дзæбæх ахъуыды кæнæд, цы уавæры стæм æмæ цавæр æвзæрст саразын хъæуы æввахсдæр парламентон æвзæрстытыл
Санкциргонд хицауады уавæрты ацы æвзæрстытæ у референдум Гуырдзыстоны суверенитеты фæдыл – уый фæдыл «Лелойы» уæнг Саломе Самадашвили брифнгыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ сиды æмбæстæгтæм, лæмбынæг ахъуыды кæной, цавæр æвзрст саразын хъæуы æввахсдæр парламентон æвзæрстытыл.
«Мах хъуамæ æмбарæм, санкциргонд уырыссаг режимы ивдыл октябры æвзæрстытыл аскуыддзаг уыдзæн нæ бæстæй фидæны амонд. Ацы æвзæрстытæ абоны кæд уыдысты референумæй, цы æвзæрст сараздзæн гуырдзиаг адæм Гуырдзыстоны европаг фидæны æмæ Уæрæсейы æхсæн, уæд уæгъдæй зæгъæн ис, цæмæй санкциргонд уырыссаг режимы уавæрты ацы æвзæрстытæ уядзæн реерендум Гуырдзыстоны суверенитеты фæдыл, ома, фæнды нæ æви нæ цæмæй хæдбар паддзахад нын уа, уымæн æмæ нæ сæйраг стратегион æмцæдисон АИШ-ы фарсмæ лæуудæй цух Гуырдзыстон нал аирвæрздзæн куыд хæдбар паддзахад.
Сидын алы æмбæстагмæ, ноджы иу хатт дзæбæх ахъуыды кæнæд цы уавæры стæм абон æмæ цавæр æвзæрст саразын хъæуы æввахсдæр парламентон æвзæрстыты рæстæджы. Æвзæрст гуырдзиаг паддзахады фидæны æмæ йæ уæвыны фæдыл. Уырнгæ дæн, уый тынг дзæбæх æмбарынц нæ адæмы фылдæры хай æмæ октябры нæ бæстæ æрыздахдзыстæм растдæр уыцы фæндагмæ, кæцыйы бирæ азты размæ сывзæрстам. Ацы фæндаг у хæдбар, суверенон паддзахад, кæцы уыдзæн Евроцæдисы æмæ НАТО-ы бæстæ, хъахъхъæд нæ стратегион æмцæдисонты æрдгæй» – райхъусын кодта Самадашвили.