Саломэ Самадашвили -  Иванишвилийы  фыстæг у æргом бæлвырдгæнæн, ома  бæстæйы сæйраг быцæусидт у сусæг хицаудзинад
Саломэ Самадашвили - Иванишвилийы фыстæг у æргом бæлвырдгæнæн, ома бæстæйы сæйраг быцæусидт у сусæг хицаудзинад

Иванишвилийы   фыстæг  ноджы иу  бæлвырдгæнæн у, цæмæй   абон  бæстæйы  сæйраг быцæусидт у  олигархион хицаудзинад, – уый фæдыл  оппозиционер депутат, Саломэ Самадашвили   райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй,  абон бæстæйы   сæйраг  сидт у сусæг хицаудзинад.

«Абон Гуырдзыстон ис  иунæг олигарх, æмæ йæ ном у  Бидзина Иванишвили  æмæ уый активонæй йæхи тъыссы , фæтк дæтты  хицаугæнæг балы  политикæйы нæ бæстæйы. Уый тыххæй дæр ацы фыстæг  ноджы иу бæлвырдгæнæн у, ома абон   ацы  бæстæйы  сæйраг быцæусидт у  олигархион   сусæг  хицауджинад.  Уый фактонæй   сбæлвырд ис  Иванишвилийы  фыстæгæй.  Нæу мæ бон  зæгъын,  цæмæн ахицæн кодта  фыстæг публикаци скæнын.   Бæрæг куыд у, афтæмæй,   уый тынг катай кæны сæрмагонд  уавæры  тыххæй.  Америкæйæ  знон æрыздæхтæн  æмæ никæмæ ницы  иллюзи ис  уый фæдыл, цæмæй  цавæр рол ис Иванишвилийæн  абон  нæ бæстæйы.   Уымæ гæсгæ  дæр   растдæр  Иванишвилимæ уыдзæн уыцы претензитæ, кæцы претензитæ  ис нæ ныгуылæйнаг патнертæм.  Быцæудзинад, кæцымæ «Гуырдзиаг Бæллицц» нырид æргомæй  бахызт – нæ ныгуылæйнаг  партнертæм  лæбурдтыты  режиммæ  ахызты  хуызæй, уый  æппæты фæстæ лæууы   Бидзина Иванившили», –   загъта Саломэ Самадашвили.