Гуырдзыстоны парламенты уæнгтæ Страсбургы фембæлдтæ дарддæр кæнынц
Гуырдзыстоны парламенты уæнгтæ Страсбургы фембæлдтæ дарддæр кæнынц

Гуырдзыстоны делегаци  Страсбургмæ  кусæн визит дарддæр кæны. кусæн визитæй Страсбургы сты  «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Ираклий Къобахидзе  æмæ фылдæрты  уæнгтæ.

Æддæ ахастыты   комитеты сæрдар, Гиорги Хелашвилийы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  зæгъгæ  визит  «Хурыскæсæн Партнерады» саммитмæ бацæттæгæнæн  куыстытæм æххæссы. Хелашвилийы  дзырдæй,  фембæлдты  рæстæджы  ныхас  цæудзæн  куыд бæстæйы  мид, афтæ  æддагон политикæйыл. Фылдæрты  уæнг  банысан кодта, цæмæй   Гуырдзыстон нымад у, куыд «Хурыскæсæн  Партнерады» æхсæз бæстæйæ,  сегасдæр æнтыстджын уæнг æмæ  ныфс дары, ома 15  декабры  райсгæ коммюнике  Гуырдзыстон-Евроцæдисы  ахастатыл ноджы размæ дæр ракæндзæн.

Санкциты уагæвæрды тыххæй  сидтытыл, хелашвили ацы  фарста  политикон спекуляцийæ  схуыдта æмæ  ацы æрдгæй  конкретон   къахдзæфтæм  не нхъæлмæ кæсы.

«Санкцитæ сæвæрын æмæ уый фæдыл сидтыты тыххæй  куы  зæгъон, цæй зæгъын æй хъæуы ацы этапыл, уæлдай дæр  ацы  фарстæты исты серьозон  каст нæ  уыдзæнис. Саакашвилийы фарстыл  ницы сæрмагонд  бадзырдтæ  нæ хъæуы, юридиконæй  ницы  проблемæ ис йæ  цауы фæдыл  æмæ  ацы æрдæм йæ  зæрдæ никæмæн хсайы. Дзырæдуы уый фæдыл, æмæ  куыд  зыны  ай æппæт фæсарæнты,  цæуыл ис гæнæн  дискусситæ  ауадзын, фæлæ  исты лæмбынæг  карз  фарстмæ не нхъæлмæ кæсæм. Дзæбæх у  Саакашвилийы фарста  куы  ахызти  зæгъæм  абаргæйæ фæлмæндæр формæтæм.  Ныфс дарæм  цæмæй  афтæ  адарддæр уыдзæн» –   райхъусын кодта Гиорги Хелашвили.

Кусæн визитæй Страсбургы афтæдæр ис  фракци «лело»-ы  уæнг Саломе  Самадашвили. Йе мбарынгæнæнтæм гæсгæйæ,   зæгъгæ  уæвы  европарламенты, куыд  парламентари  æмæ  индивидуалон фембæлдтæ  уадзы  Гуырдзыстоны фарстæтыл  кусæг европарламентаритимæ.  Саломэ Самадашвилийы  дзырдæй,   зæгъгæ  йын комплексон бадзырдтæ уыдзæн  Гуырдзыстоны уæвæг  политикон   процессты æмæ   Гуырдзыстон-Евроцæдисы  ахастытыл. Оппозиционер депутат  дзуры, цæмæй  Гуырдзыстоны  европаг  фидæны интерестæ бахъахъхъæнынæн  ахсджиаг у, абоны  хицауадыл   сыххæст уа  æмбæлгæ  æлхъывд  æмæ уымæн  Евроцæдисмæ  ис æндæр æмæ æндæр инструменттæ.

«Нысаниуæгджын уыдзæн  европарламенты позицитæ уымæн, цæмæй Гуырдзыстоны еворпаг фидæны  интерестæ хъахъхъæд уа,  уый нымæцы   абоны  хицауадыл  æмбæлгæ  æлхъывды сыххæст фæрцы æмæ уымæн Евроцæдисмæ ис æндæр  æмæ æндæр инструменттæ.  Растдæр уый фæдыл мын уыдзæн бадзырдтæ, Гуырдзыстоны æмæ  гуырдзиаг демократийы  фарсхæцæг  æндæр æмæ æндæр  политикон къордты минæвæрттимæ» – райхъусын кодта Саломэ Самадашвили.