Саломэ Самадашвили -  нейтралитетыл  ныхас у  фактон бырст  паддзахад æмæ суверенитетмæ
Саломэ Самадашвили - нейтралитетыл ныхас у фактон бырст паддзахад æмæ суверенитетмæ

Нейтралитетыл ныхас у  фактон бырст  паддзахад æмæ   суверенитетмæ – загъта оппозиционер депутат Саломэ Самадашвили.

Депутат нейтралитеты  темæ  размæ рахæцын  нымайы  фæдисонæй.

«Тынг фæдисон у, цæмæй  нейтралитеты темæ  рахæцыдысты  размæ æмæ  ацы  фарста сæрмагондæй активонæй æнцайынц   хицауадимæ баст  эксперттæ, афтæма  уыцы  медиафæрæзтæ æмæ  политикон тыхтæ, кæцытæн «Гуырдзиаг Бæллицц»   комкоммæ сæ къух аразы  бæстæйы  архайыны.   Ахæм у  «Алт-Инфо». Хъуамæ æмбарæм, цæмæй   нейтралитетыл ныхас у  фактон бырст паддзахад æмæ суверенитетмæ. Уæрæсе тынг дзæбæх  зыдта, цæмæй Украина æмæ Гуырдзыстоны æввахс фидæны НАТО-мæ нæ райсдзысты, фæлæ Украинайы  ныхмæ   хæст райдаын сфæнд кодта, уымæн æмæ Уæрæсейы  сæйраг нысан у   нæ падзахадтæ аивын.  Уæрæсейæн  нейтралитетыл ныхас ацы рард сыххæст  фенцондæр кæндзæн», – райхъусын кодта Саломэ Самадашвили.