Саломэ Самадашвили æрсидтис оппозицийы минæвæрттæм, къух ма бафыссæт ЦÆК-ы хатдзæгон протоколтыл
«Националон Змæлды» иуæй-иу лидер Саломэ Самадашвили хъусын кæны, цæмæй хицауад тыхыбын бауыдзæн фалсьфициргонд æвзæрстытæ мæнгыл банымайын.
Абоны брифингыл Самадашвили дзыллæмæ æрсидтис 16:00 сахатмæ пълангонд акцимæ рацæуын.
Афтæма Самадашвили ЦÆК-ы оппозицийæ бавдыст æвзарæнон комиссийы уæнгтæм баздæхт цæмæй къух ма бафыссой хатдзæгон протоколтыл, кæцытæ йæ ныхæстæм гæсгæ, фальсифициргонд сты.
«Абон райхъал стæм ног реалондзинад, Бидзина Иванишвили æхсæвы, демократи аивдта. Сидын комисиийы уæнгтæм – ныр цæуы фальсифициргонд æвзæрстыты формæмæ гæсгæ фидарк æнын.
Оппозицион партитæй комиссийы минæвæрттæй курынц, къух бафыссой фальсифициргонд протоколтыл. Сидын комисситы уæнгтæм, ма бафыссæт къух иунæг протоколыл дæр, цыфæнды æлхъывды æмæ æртъхъирæны цауы дæр» – фехъусын кодта Самадашвили.
Йæ ныхæстæм æгсгæ, зæгъгæ Тамар Жваниа фæмæнг кодта æвзæрстыты фæстиуджытæ æмæ ай уыд фæстаг æвзæрстытæ, Жваниа ЦÆК-æн куы къухдариуæг кæны. Саломе Самадашвили хъусын кæны, цæмæй æнæнмæнгхъæугæ Тамар Жваниайы профессион дзуаппмæ раттын.