Сакстат 2024 азмæ  цæрджыты сфыст райдыдта
Сакстат 2024 азмæ цæрджыты сфыст райдыдта

Статистикæйы  националон  куыст  абонæй,   5  июнæй,  цæрджыты  2024 азы  сфыстмæ бацæттæгæнæн  куыстыты фæлгæтты  Имереты регионы   алы муниципалитеты  цæрæнуаттыл зилын   æмæ æмбæлгæ  информаци æмбырд кæнын райдыдта.

Сакстаты хъусинагæй,   фыццаг   этапы  куыстытæ   фæнысангонд  муниципалитетты  уæвæг бæстыхæйтты  æмæ уым  фактикон цæрджыты  хæдзарадты   номхыгъдон  сконды  сбæрæг кæнынæн цæуынц.

«Цæрджыты  сфысты  сæйрга бæрæггæнæнты æмбырд кæнын  2024 азы  14  ноябрæй  19 декабры   периоды  план кæны, кæцы рæстæджы дæр   ист уыдзæн деталон мадзæлттæ   цæрджыты  нымæцы  æмæ сæе сконды, афтæма æндæр  демографион, социалон-экономикон   бæрæггæнæнты фæдыл,  хæдуынаффæгæнæг  иуæнгты æмæ цæрæн рæттæм гæсгæйæ.

Фæнысангонд информаци æнæмæнгхъæугæ у  бæстæйы  цæрджыты  демокграфион  уавæр сбæрæг кæныны,  социалон экономикон  рæзынады приоритетты  сбæрæг кæныны æмæ  æхсæнады информирдзинады нысанæн.   Цæрджыты  æппæтадæмон сфыст  афтæдæр   нысаниуæгджын равзæрæн  у  ИНО-йы  æнæцудгæ  рæзынады   нысанæй  рагхыгъдгонд активондзинæдтæн  аргъ скæнынæн.

Цæрджыты сфыстытæ бæстæйы 10  азы мидæг иу  хатт ауадзынц.  Гуырдзыстоны фæстаг  сфыст  уыдис 2014 азы» –  банысангонд у  ахæлиугонд информацийы.