Статистикæйы националон куыст абонæй, 5 июнæй, цæрджыты 2024 азы сфыстмæ бацæттæгæнæн куыстыты фæлгæтты Имереты регионы алы муниципалитеты цæрæнуаттыл зилын æмæ æмбæлгæ информаци æмбырд кæнын райдыдта.
Сакстаты хъусинагæй, фыццаг этапы куыстытæ фæнысангонд муниципалитетты уæвæг бæстыхæйтты æмæ уым фактикон цæрджыты хæдзарадты номхыгъдон сконды сбæрæг кæнынæн цæуынц.
«Цæрджыты сфысты сæйрга бæрæггæнæнты æмбырд кæнын 2024 азы 14 ноябрæй 19 декабры периоды план кæны, кæцы рæстæджы дæр ист уыдзæн деталон мадзæлттæ цæрджыты нымæцы æмæ сæе сконды, афтæма æндæр демографион, социалон-экономикон бæрæггæнæнты фæдыл, хæдуынаффæгæнæг иуæнгты æмæ цæрæн рæттæм гæсгæйæ.
Фæнысангонд информаци æнæмæнгхъæугæ у бæстæйы цæрджыты демокграфион уавæр сбæрæг кæныны, социалон экономикон рæзынады приоритетты сбæрæг кæныны æмæ æхсæнады информирдзинады нысанæн. Цæрджыты æппæтадæмон сфыст афтæдæр нысаниуæгджын равзæрæн у ИНО-йы æнæцудгæ рæзынады нысанæй рагхыгъдгонд активондзинæдтæн аргъ скæнынæн.
Цæрджыты сфыстытæ бæстæйы 10 азы мидæг иу хатт ауадзынц. Гуырдзыстоны фæстаг сфыст уыдис 2014 азы» – банысангонд у ахæлиугонд информацийы.