Сакстаты бæрæггæнæнтæй, 2023 азы Гуырдзыстоны фæндагон-транспортон цауты фæстиуæгæн  442 адæймаг амард, æрмæст зынгсирвæзты фæстиуæгæн та  48 адæймаг амард
Сакстаты бæрæггæнæнтæй, 2023 азы Гуырдзыстоны фæндагон-транспортон цауты фæстиуæгæн 442 адæймаг амард, æрмæст зынгсирвæзты фæстиуæгæн та 48 адæймаг амард

Статистикæйы  националон куысты   бæрæггæнæнтæй, 2023  азы Гуырдзыстоны  фæндагон-транспортон цауты  фæстиуæгæн 442 адæймаг амард. Хыгъдон периоды  бæстæйы æмтгæй райсгæйæ 5 594 фæндагон-транспортон цау  æрцыд. Уыдонæй  158 цау  сты  нозтджын уавæрæй расайгæ, зиæнттæ бавзæрстой 7 310 адæймаг.

Уыимæ, сакстаты информацийæ ивгъуыд  азы  бæстæйы 10 564 зынгсирвæзт сфиксир ис, кæцыйы фæстиуæгæн  амард 48 адæймаг, æрмæст æрдæр æмæ æндæр гъæды  сыгъдтытæ райстой  205.  Зынгсирвæзтыты  фæстиуæгæн  бæстæйы масштабæй  380  бæстыхай скуынæг ис.

Сакстаты  хъусинагæй, 2023 азы трефикингы  статийæ  сыххæст 15  фыдракæнд æмæ МХМ та бакодта   аст хъуыддаг.

Бинонты æхсæн  тыхмидзинады тыххæй куы зæгъæм уæд,  ивгъуыд азы  дæргъы  бинонты тыхмидзинады  амæттæгты нымæц  уыд 7 773.  Уырдгæй 6 534 сылгоймæгтæ сты, æрмæст 1239 – нæлгоймæгтæ.