Сакстат - январ-июлы Гуырдзыстоны базайрагæй æддагон базарадон зилдух 1,6 процентæй райрæзтис
Статистикæйы националон куысты бæрæггæнæнтæй, 2024 азы январ-июлы Гуырдзыстоны базайрагæй æддаг базарадон зилдух (æнæдеклариргонд базарадæй цух) 12 566.8 милуан АИШ доллары бæрц уыд,к æцы раззаг азы аналогион периоды бæрæггæнæнимæ абаргæйæ 1.6 процентæй фылдæр у. уырдгæй, Сакстаты хъусинагæй, экспорт 3 532.2 милуан АИШ долллары бæрц у, кæнæ та фæкъаддæр ис 1.3 процентæй, æрмæст импорт 9034.6 милуан АИШ доллары бæрц – рæзт 2.9 процент у.
Гуырдзыстоны æппæрццаг базарадон баланс 2024 азы январ-июлы 5.502.4 милуан АИШ доллары бæрц у, кæцы æддагон базароадон зилдухы 43.8 процент у.
Уагдоны хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, 2024 азы январ-июлы дæс ставддæр базарадон партнер бæстæйы хай Гуырдзыстоны æмтгæйон æддагон базарадон зилдухы 68.2 проценты бæрц у.
Бæстæйы ставддæр базарадон партнертæ сты : Турк – 1 809.5 милуан АИШ доллар. Уæрæсе – 1 427.8 милуан АИШ дллар, æмæ АИШ – 1 – 078.4 милуан АИШ долларимæ.