Сæрмагонд Дохтыр – Саакашвили моралонæй  дзæбæх равгыл ис, фæлæ  йын змæлын зын кæны
Сæрмагонд Дохтыр – Саакашвили моралонæй дзæбæх равгыл ис, фæлæ йын змæлын зын кæны

Сæрмагонд дохтыры  Николоз Хъипшидзейы  фидиуæнæй,   зæгъгæ Михеил Саакашвили моралонæй  тынг дзæбæх равгыл ис, фæлæ йын зын кæны  змæлын æмæ  мæллæг у.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  ацытæккæ госпитализаци нæ хъæуы.

«Гæнæн ис æмæ бахъæуа консилиумы  цъус раджы джæр снысан кæнын.   Акæсæм,  абоны бон куыд уыдзæн.  Фæстаг   иртасæнимæ  æрзонгæ дæн,  раздæронимæ абаргæйæ  стыр хъауджыдæрдзинад нæй.  У мæллæг.  Зæгъæм адæймаг ис  гриппы  фæстæ куыд вæййы  афтæ.  Госпитализаци йын ацытæккæ нæ хъæуы.  Фылдæр фæныхас кодтам  æнæнæиздзинадыл.  Ныр ацæудзынæн хæдзармæ,  адзурдзынæн ахæстоны сæйраг дохтырмæ.  Стæй  хъуамæ аскуыддзаг кæной,  уымæн  æмæ райсом план кæнын   йæ бабæрæг  кæнын.   Мæ  уынаффæ  æмæ рекомендаци у, цæмæй  консилиум ацæуа  цъус  раджы дæр.  Дохтыртæ хъуамæ зæгъой, цы саразæм уый фæстæ» – райхъусын кодта  Николоз Хъипшидзе  пенитенцион уагдоны  Саакашвилийы  бæрæгдзау  куы  уыдис уый фæстæ.

Бакой уын кæндзыстæм, Михеил Саакашвилийы æнæнæиздзинады уавæры  анализы  нысанæн  дохтырты мультифункцион  къорд уыд арызт.