Сæйраг сахары уынды сфыдуынд кæнынæн хцайæ ивар фæфылдæр уыдзæн 200-йæ 2000 ларийы онг
Сæйраг сахары уынды чфыдуынд кæнынæн хцайæ санкцитæ рæзынц.
Æмбæлон ивындзинæдтæ «Администрацион фæткæвæрдсасты кодексмæ» цæуы хаст, кæцыйы иницирдзинад знон æрцыд.
Ивдтытæм гæсгæ, Тбилисы муниципалитеты территорийыл, бæстыхæйтты фасадтыл, витринæтыл, æмбондтыл, цæджындзытыл, бæлас-садзæнтыл, фситæг-цæуджыты æмæ транспортон фæрæзты фæндæгтыл æндæр æмæ æндæр хуызы фыстыты, нывты, символты хивæндæй сæххæст кæнын, афтæдæр плакатты, лозунгты, баннерты равæрын ахæм бынæттыл, кæцытæ специалонæй уымæн рахицæнгонд не сты, раситдзæн ивар – 200 ларийы бæрцæй (50 ларийы бæсты).
Ацы архæйдтыты сфæлхат кæнын та, 1000 ларийæ фæивар уыдзæн (500 ларийы бæсты) .
Уымæй уæлдай, проектæй уынды сфындуынд кæнын кастæуы æндæр æмæ æндæр хуызы фыстыты нывты, символты хивæндæй сæххæст, администрацион органты бæстыхæйтты фасадыл, афтæдæр сæ алыварс территорийыл, уыдоны æхсæн фистæгты æмæ транспортон фæрæзты фæндæгтыл раситдзæн фæивар – 1000 ларийы бæрцæй (500-ы бæсты). Ацы архæйдтыты рафæлхат кæнын та фæивар уыдзæн – 2000 ларийы бæрцæй (1000 ларийы бæсты).