Сæйраг сахары уынды  сфыдуынд кæнынæн хцайæ ивар фæфылдæр уыдзæн  200-йæ  2000  ларийы  онг
Сæйраг сахары уынды сфыдуынд кæнынæн хцайæ ивар фæфылдæр уыдзæн 200-йæ 2000 ларийы онг

Сæйраг сахары  уынды чфыдуынд кæнынæн  хцайæ  санкцитæ рæзынц.

Æмбæлон ивындзинæдтæ «Администрацион  фæткæвæрдсасты  кодексмæ» цæуы хаст, кæцыйы  иницирдзинад   знон æрцыд.

Ивдтытæм гæсгæ,  Тбилисы   муниципалитеты территорийыл, бæстыхæйтты  фасадтыл,   витринæтыл, æмбондтыл, цæджындзытыл, бæлас-садзæнтыл, фситæг-цæуджыты æмæ  транспортон  фæрæзты  фæндæгтыл æндæр æмæ æндæр  хуызы фыстыты,   нывты,  символты   хивæндæй  сæххæст кæнын,  афтæдæр плакатты, лозунгты,  баннерты равæрын ахæм бынæттыл,  кæцытæ  специалонæй  уымæн рахицæнгонд не сты,   раситдзæн ивар  –  200 ларийы  бæрцæй (50 ларийы  бæсты).

Ацы архæйдтыты   сфæлхат кæнын та,  1000  ларийæ фæивар уыдзæн  (500 ларийы  бæсты) .

Уымæй  уæлдай,  проектæй   уынды сфындуынд кæнын  кастæуы  æндæр æмæ æндæр хуызы  фыстыты  нывты, символты  хивæндæй  сæххæст,  администрацион  органты  бæстыхæйтты фасадыл,   афтæдæр   сæ  алыварс  территорийыл,  уыдоны æхсæн  фистæгты æмæ транспортон фæрæзты фæндæгтыл  раситдзæн  фæивар   – 1000  ларийы бæрцæй (500-ы бæсты). Ацы архæйдтыты  рафæлхат кæнын  та  фæивар уыдзæн  – 2000  ларийы бæрцæй (1000  ларийы бæсты).