Сæйраг горæты  уынгтæ  24 апрелæй систематонæй  ныхсдзысты
Сæйраг горæты уынгтæ 24 апрелæй систематонæй ныхсдзысты

 

24 апрелæй сæйраг горæты  уынгты  интенсивон   ныссыгъдæг райдайдзæн, – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе   социалон хызаг  «Фейсбукы» фæрцы  хъусын кæны.

Каха Каладзейы дзырдæй, «Тбилсервис  Къорд»  сноггонд техникæйæ   уынгты  систематонæй   сыгъдæг кæндзæн. Афтæма йæ   æмбарынгæнæнмæ  гæсгæйæ,   бахъуаджы  цауы мэриа  æххуыс  ракурдзæн мидхъуыддæгты министрадæй дæр.

«Кæд æнæмæнгхъæугæ бауыдзæн,  уæд нæ бон у   мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты куыстйы  ракурæм  æххуыс.  Кæддриддæр иу нæ фарсмæ лæууынц.  Мæ  хуъыдыйы дарын зынгвæдисон  хæдтулгæтæ, кæцыты  фæрцы максималонæй   бирæ уынг  ныссыгъдæг кæндзыстæм . Къуырисæрæй,  24 апрелæй,   райдайдзыстæм куыстытæ», –   райхъусын кодта  Каха Каладзе.

Тбилисы мэриайы  хъусинагæй,   систематонæй  ныссыгъдæг уыдзæн   сæдæйæ фылдæр уынг. Куыстытæ   алы æхсæв  сæумæрайсоммæ   цæудзæн.