Румыни 1.4 милуан доллар рауæлдай кæндзæн НАТО-йы фондæн, кæцыйæн йæ нысан у Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны иргъæфхъомад сбæрзонддæрæн баххуыс кæнын
Румыни рауæлдай кæндзæн 1.4 милуан доллары НАТО-ы фондæн, кæцы Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны иргъæфхъомады фæрæзтæн бахардз уыдзæн. Уый фæдыл фидиуæн Румынийы фæсарæн хъуыддæгты министрад аразы.
Фæсарæн хъуыддæгты министр Богдан Ауреску НАТО-йы генералон нымæрдар æмæ фæнысангонд бæстæты лидертæн ацы уынаффæйы тыххæй фыстæгæй дæр фехъусын кодта.
Фæнысангонд суммæйæ 300 мин доллары Гуырдзыстоны иргъæфхъомад стынг кæнынæн рахицæн кæндзысты.