Гуырдзыстоны æмæ Румынийы æхсæн   быранон дыууæрдæм змæлд райдыдта
Гуырдзыстоны æмæ Румынийы æхсæн быранон дыууæрдæм змæлд райдыдта

Констанцайæ  Поты æрдæм   27 июны  «E60 Shipping Line»  фыццаг  рейс  сыххæст кодта.  Информаци уый фæдыл   компани E60 Shipping Line  хъусын кæны.

Компанийы хъусинагæй, быран   Поты наулæууæнмæ   абон  20:00 сахатыл  бахиздзæн, кæцы уыдзæн фыццаг   æнтыстджынæй  сæххæст   быранон   рейс   Румыни æмæ Гуырдзыстоны æхсæн   дыууæрдæм змæлды.

Потæй  Констанцайы æрдæм та, фæнысангонд  быран  30  июны   араст уыдзæн  æмæ  регуляронæй змæлдзæн.

«Уый у иттæг нысаниуæгджын  ногдзинад транспортон секторæн æмæ  у  Гуырдзыстоны Европæимæ  æрыввахс кæннæн арызт   ахсджиаг къахдзæф.  Констанцайы   наулæууæны  таможнæйы  процедурæты  ацыд  æмæ быраны  уаргъæй бьавгæнынæн  æрмæст 6 сахаты бахъæудзæн.  Фæндаг Румынийæ  Гуырдзыстонмæ та  æрмæст 42 сахат  аххæсдзæн,  кæцы рæстæджы  дæргъы   тæрджытæн  уыдзæн  фадат комфортон   каютæйты  баулæфын  æмæ   бортыл   уæвæг    ресторанæй, барæй,  ивхæрсæн  тыгъдадæй  æмæ «Duty Free» дуканийæ   пайда кæнын.  190 метры дæргъæн  быран  номхуындæй  «Vilnius», кæцыйы  баххуырста гуырдзиаг компани E60 Shipping Line, европæйы иуæй-иу  сегасдæр даргх  фæндагон маршруты – Е60-ы  Сау Денджызы уылты фадыгыл кусы, кæцыйæ  ацы маршрут  иу кæны   кæцы никуы æрцыд йæ  уæвыны историйы. Поти –Констанцайы   быранон хахх   цыбырдæр фæндаг у  Кавказ æмæ Астæу Азийы  бæстæты  Европæйимæ  баиу кæнынæн,   уымæн альтернативæ нæй  егхау нысаниуæгджын  у  нæ бæстæйы æмæ  регионæн.  Ацы маршруты  куыстæн   скуыддзаггæнæг нысаниуæг ис   Транскаспийаг  æхсæйнаг кæлидоры  уæвыны æмæ  райтынг кæнынæн. E60 Shipping Line  у равзæрдæй гуырдзиаг  æхсæнадæмон холдингы уæнг компани.  Холдинг азты дæргъы  архайы   дунейы   масштабæй  ахæм индустриты, цахæмдæр сты  æхсæнадæмон æрвитæггæготæ æмæ  уæзты  транспортаци», – дзырдæуы  E60 Shipping Line-ы  ахæлиугонд   информацийы.