Румыни  1.4 милуан доллар рауæлдай кæндзæн НАТО-йы фондæн, кæцыйæн йæ нысан у Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны иргъæфхъомад сбæрзонддæрæн баххуыс кæнын
Румыни 1.4 милуан доллар рауæлдай кæндзæн НАТО-йы фондæн, кæцыйæн йæ нысан у Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны иргъæфхъомад сбæрзонддæрæн баххуыс кæнын

Румыни  рауæлдай кæндзæн 1.4 милуан доллары НАТО-ы  фондæн, кæцы Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны  иргъæфхъомады фæрæзтæн  бахардз уыдзæн. Уый фæдыл  фидиуæн Румынийы  фæсарæн хъуыддæгты министрад  аразы.

Фæсарæн хъуыддæгты министр Богдан Ауреску  НАТО-йы генералон   нымæрдар æмæ фæнысангонд бæстæты  лидертæн  ацы  уынаффæйы  тыххæй  фыстæгæй дæр фехъусын кодта.

Фæнысангонд суммæйæ 300 мин  доллары Гуырдзыстоны иргъæфхъомад стынг  кæнынæн рахицæн кæндзысты.