Румынийы ацæудзæн  бирæнацион  æфсæддон ахуыр «Денджызы Уарт 2023», кæцыйы Гуырдзыстон дæр райсдзæн хайад
Румынийы ацæудзæн бирæнацион æфсæддон ахуыр «Денджызы Уарт 2023», кæцыйы Гуырдзыстон дæр райсдзæн хайад

Румынаг медийы   информацийæ,  æфсæддон ахуырты  12  бæстæйы  3000-æй фылдæр  æфсæддон  райсдзæн хайад. Уый у  сеппæтæй комплексон  ахуырадон  мадзал, кæцы  Румынийы  денджызон    тыхтæ  цæугæ азмæ сплан кодтой.

Æфсæддон   ахуырты  Румынийы   денджызон тыхты  30-æй фылдæр  æфсæддон   нау, Болгарийы   денджызон    тыхты  дыууæ  æфсæддон нау, 14  хæдтæхæг Францæй, Румынийæ, АИШ-æй æмæ Туркæй.  15  тагъдцæуæн нау  æмæ  националон хъахъхъæнынады  системæйы  институтты  патрулон    наутæ, 57  æфсæддон  хæдтулгæ æмæ  æндæр  хæстон фæрæзтæ,  химикон, биологион, радиологион æмæ атомон  иргъæфы  специалисттæ, афтæма   фистæг  æмæ æфсæддон   десантты  балтæ   райсдзысты  хайад.

«Денджызы  уарт» –  комплексон концепци, кæцыйы нысан у  æмцæдисонты тыхты  ахуырæн, Румыни НАТО-йы  саммитыл  2016  азы   Варшавæйы бавыдста  хуссар-хурыскæсæн Европæйы   флангыл  æдасзинады  мадзæлттæ стынг  кæнынæн.

Æфсæддон ахуыртæ  20  марты райдайдзæн  æмæ 2 апрелы фæуыдзысты.