Ромы Пап журналисттæм æрсидтис, нæзагъд ракæной, мæнг хабæртты ахæлиуыл æмæ срухс кæной сеппæтæй ссæст адæмы проблемæтæ, кæцыты историтæ информацион тыгъдадмæ арæх нæ бахæццæ вæййынц. Уый фæдыл фидиуæн понтифик фæсарæйнаг прессæйы ассоциацийы уæнгтимæ фембæлдыл сарызта.
Ромы Пап Франциск сæ нæмттæ ссардта уыцы репортертæн, кæцытæ кусæн хæстæ æххæст кæныны рæстæджы фæхъуыдысты.
«Прессæйы сæибардзинад у бæстæ цас æнæниз цард кæны уый индикатор. Цæй мам а ферох кæнæм, цæмæй диктаторон режимтæ фыццаджы дæр сæрибар прессæ куынæг кæнынц уæнæ та æмбонд кæнынц. Мах хъæуынц журналисттæ, кæцытæ лæудзысты амæттагы фарсмæ» – райхъусын кодта Ромы Пап.