Ромы Пап Франциск йæ цардæй ахицæн ис
Ромы Пап Франциск йæ цардæй ахицæн ис

Пап Франциск йæ цардæй ахицæн 88 азы кары.

Уый фæдыл информаци Ватикан парахат кæны.

Католикон аргъуаны лидерæй кардинал Хорхе Марио Берголио æвзæрст æрцыд 2013 азы мартъийы, Пап Бенедикт XVI йæ бынатæй куы ацыд, уый фæстæ. Уый уыдис фыццаг Латинаг Америкæйы папæ æмæ аргъуаны историйы рагондæртæй иу.

Пап Франциск 14-æм февралы уæззау пневмонийы аххосæй бахауд Ромы Гемеллийы рынчындонмæ. Йæ уавæр цалдæр хатты фæфыддæр. Фондз къуырийы хос кæныны фæстæ йæ рафыстой рынчындонæй.