Илья Дыккаг – Зынгсирвæзт æнæауæрдонæй  базиан кодта æнæ æрмæст  Францы, фæлæ ма  æнæхъæнæй  Европæйы  астæу заманы  фидыц
Илья Дыккаг – Зынгсирвæзт æнæауæрдонæй базиан кодта æнæ æрмæст Францы, фæлæ ма æнæхъæнæй Европæйы астæу заманы фидыц

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх   Илья Дыккаг, Францы  президент  Эммануэль Макронмæ æмæ Ромы Пап Францискмæ,   фыстæджытæ  арвыста, кæцыты мидæг   Паризы  мады Майрæмы  аргъуаны  зынгсирвæзты тыххæй   хъыгдзинад  æвдисы.

«Фиксир кæнæм  нæ зæрдæрыст  æмæ  æмæнкъард   знон Паризы  Мады  Майрæмы  аргъуаны æрцæугæ  зынгсирвæзты  тыххæй.  Тынг стыр  у  ацы фыдæвзарæн, фæлæ нæ  ныфс ис  цæмæй алцыппæт тагъд  сæндидздзæн  æмæ  ранæуæг уыдзæн.

Хуыцауæй курæг стæм,  алы адæймагы  уд дæр ранæуæг  уæнт æмæ сæм фæстæмæ æрыздæхæнт  уырнындзинад, ныфсджындзинад æмæ уарзондзинад.  Уæ номыл  Хуыцаумæ кувæг  Илья Дыккаг» – банысангонд у  фыстæджы.

«Æппæт  Дуне  катайгæнгæйæ  дартта  йæ цæст  Паризы  Мады Майрæмы  аргъуаны  знон æрцæугæ  зынгсирвæзтмæ,  кæцы æнæ æрмæст   ацы  сахары æмæ Францы,  фæлæ ма  Æппæт Европæйы    астæу заманы  фидыц, афтæ  æнæауæрдонæй  базиан кодта.

Стыр у нæ зæрдæрыст дæр æмæ нæ фæнды,   æмæнкъард  равдисæм  францаг адæмæн,   Францы  хицауадæн,  кардиналæн æмæ  алы аргъуанархайæг уæнгтæн»- дзырдæуы патриархы   фыстæджы.

Зынгирвæзты фæстиуæгæн аргъуаны хъæдæй уæлхæдзар æнæхъæнæй басыгъд, фæлæ  зынгвæдисонтæ  Паризы  Мады  Майрæмы аргъуаны  структурæйы бынтон скуынæгæй  аирвæзын  бахъом  сты.   Уыйимæ иумæ, аирвæзын кодтой   сæйраг реликвитæ –   Царддæттæгы  сындзæй венец æиæ  Сыгъдæг Луйы   туникæ.