Ромы Пап цыппурсон  сидты  рæстæджы  Израиль æмæ Палестинæмæ  диалогмæ æрсидтис
Ромы Пап цыппурсон сидты рæстæджы Израиль æмæ Палестинæмæ диалогмæ æрсидтис

Ватиканы  Ромы Пап  Францискъ,   Сыгъдæг Петры  аргъуаны    балконæй   ракуывдта  адæмæн.

Традицион   цыппурсон   сидты рæстæджы Ромы Пап  Йерусалем æмæ  Сыгъдæг Зæххыл сабырдзинадæн   фæкуывдта æмæ  Израил  æмæ Палестинæмæ  диалогы æрдæм æрсидтис.

Францискъ банысан кодта,  цæмæй  æнæмæнгхъæугæ  у   скуыддзаг райсын,  кæцы   дыууæ паддзахады сабыр æмцарды  фадат сæвзæрын кæндзæн.

«Ацы бæрæгбоны  цæй ма  Хуыцаумæ скувæм,  цæмæй  Йерусалем  æмæ  Сыгъдæг Зæххыл   сабырад æрфидар кæна.  Цæй ма фæкуывæм  цæмæй фæрсты  æхсæн   диалогы сног кæныны фæндон  фæтыхджындæр уа  æмæ фæстагмæ   фæрстæ бадзурдзысты æмæ ист æрцæудзæн скуыддзаг,   кæцы  дыууæ сабыр æмцарды  фадат ратдзæн   дыууæфарсонæй  разыгонд  æмæ   æхсæнадæмонæй нымадмæ ист арæнты  фæлгæтты» – загъта Ромы Пап.