«Ройтер» - Владимир Путин Эммануэль Макронæн фехъусын кодта, цæмæй  Уæрæсе Украинайы йæ нысæнттæ цыфæнды цауы сыххæст кæндзæн
«Ройтер» - Владимир Путин Эммануэль Макронæн фехъусын кодта, цæмæй Уæрæсе Украинайы йæ нысæнттæ цыфæнды цауы сыххæст кæндзæн

Уæрæсейы президент Влдаимир Путин  Францы президнт  Эммануэл Макронæн фехъусын кодта, цæмæй  Уæрæсе  Украинайы  йæ нысæнттæм  цыфæнды цауы  баххæсдзæн.

Информацийы,  агентад «Ройтер»  хъусын кæны  Кремлыл  æнцойæ.

Францы æмæ Уæрæсейы   президентты  æхсæн   телефонон   дзырд абон  ацыд.  Медийы  информацийæ,   Кремлы  хъусын кæнынц, цæмæй Владимир Путин  Эммануэл Макронæн  райхъусын кодта, ома Украинайы  Уæрæсейы  операцийы нысан, Украинайы  демилитаризацийы æмæ  нейтралон статусы фæдыл, цыфæнды цауы  сыххæст кæндзæн.

Уыимæ медийы  куыд фыссынц афтæмæй,   Уæрæсейы   президенты  дзырдæй,   зæгъгæ Киевы  цыфæнды архайд, бадзырдтæ  ахæца æндæр рæстæгмæ, Мæскуыйы æркуырдты  ранымадмæ ноджы  фылдæр пункт  бахæссынæй  фæуыдзæн.