Рик Демс – Бацархайут деполяризаци æмæ хъуыддагмæ æрыздæхын, мæ хъуыдымæ гæсгæ ацы ныхæстæ хауынц прессæмæ дæр
Европæйы Советы парламентон ассамблейы президенты Рик Демсы фидиуæнæй, зæгъгæ нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны поляризаци фæкаддæр кæнын. Рик Демсы дзырдæй, зæгъгæ политиктæ уыцы куыст хъуамæ кæной кæцыйыл мæт цæнынц цæрджытæ.
«Сæрæй мæ фæнды зæгъын, цæмæй стæмты федтон политикон æрдз, кæцы афтæ поляризацигонд у, кæцыйы бæрæг хайæ хисæрмагонд миниуджытæ дæр бæрæг кæнынц. Уый тыххæй дæр , фыццаг куырдиат уыдзæн ахæм, фæлæ уый мæ хи хъуыды у, куыд Европæйы Советы ассамблейы президенты, уæ бон у политиктæ райдайат кусын, ныхас кæнат политикæйыл æмæ йæ ма скæнат хи сæрмагондæй, уымæн æмæ растдæр мæм ахæм тæлмæн баззад. Гæнæн ис æмæ рæдийгæ дæр кæнын. Фæкаддæр кæнут поляризаци, бацархайут уыцы хъуыддаг аразын æмæ уынджы адæмы цы фæлмæцын кæны æмæ цæуыл сагъæс кæнынц, уымæн æмæ политикæ у æмбæстæгты цард хуыздæр кæнынæн. Уый ма афтæдæр у Европæйы Советы рард дæр. Европæйы Советы æмæ парламентон ассамблейы хъуыддаг у, бахъахъхъæна адæймаджы бартæ, фундаментон сæрибардзинад, дзырды æмæ прессæйы сæрибар, законы сæйрагдзинад æмæ демократи, уый у нæ хъуыддаг. Бацархайут деполяризаци æмæ хъуыддагмæ æрыздæхын, мæ хъуыдымæ гæсгæ ацы ныхæстæ хауынц прессæмæ дæр» – райхъусын кодта Рик Демс.