Иракъли Кобахидзе - нæ делегаци активон хайад райсдзæн Европæйы Советы парламентон ассамблейы сессийы, ацы форматы кæддæриддæр пайда кæнæм, цæмæй коллегæтимæ фæныхас кæнæм æндæм æмæ æндæр темæтыл
Нæ делегаци активон хайд райсдзæн Европæйы Советы парламентон ассамблейы уалдзæгон сессийы, мах ацы форматæй кæддæриддæр пайда кæнæм, цæмæй æндæр æмæ æндæр бæстæйæ нæ коллегæтимæ фæныхас кæнæм æндæр æмæ æндæр актуалон темæйыл, нæ бæстæйæн нысаниуæгджын фарстатыл, – уый «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Иракъли Кобахидзе райхъусын кодта.
Кобахидзейы дзырдæй, Европæйы Советы парламентон ассамблейы форматы афтæдæр уыдзæн ныхас 12 рекомендацийы æмæ кандидаты статусыл.