Каха Кучъава  фембæлдис Европæйы Советы парламентон ассамблейы  президентимæ
Каха Кучъава фембæлдис Европæйы Советы парламентон ассамблейы президентимæ

 

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Каха Кучъава  Европæйы Советы  парламентон ассамблейы   президент Рик Демсимæ фембæдис.

Гуырдзыстоны парламенты пресс-куысты инфоррмацийæ,  фембæлдыл  ныхас уыд  Евросоветы  Гуырдзыстоны  делегацийы  куысты  æмæ йын цы фæстиуджытæ ис  уый фæдыл.

Хъусдард здæхт уыдис  Шарль Мишелы  документы имплементацимæ.

Рик Демс  куыд райхъусын кодта афтæмæй,  бадзырды  сыххæст зæгъгæ   алы политикон парти хъуамæ  иса хайад.

Ныхасы иуæй-иу  сæраг  темæ  2021  азы  бынæттон  хæдуынаффæйы  æвзæрстытæ  уыд æмæ Каха Кучъава  фæнысангонд æвзæрстытæм Евросоветы  цæстдарæг  мисси фæхуыдта.

Парламенты сæрдар   афтæдæр  бузныг загъта президентæн  2020 азы  парламентон æвзæрстытыл  цæстдаргæ миссийы  куыстæн æмæ   банысан кодта цæмæй  сæ   рекомендацитæ æвдыст сты æвзарæнон кодексы. Фарсытæ  фæныхас  оккупацигонд территоритыл уæвæг уавæрыл дæр.

Каха Кучъава  уазæгæн  бузныг загъта  Гуырдзыстоны суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæне æнæцудгæ  фарсхæцыны  тыххæй  æмæ   ацы æрдгæй,   Евросоветы парламентон ассамблейы  форматы нысаниуæг бахахх кодта.