Реджеб Тайип Эрдогъан – нæ нысан у Турчы организаци скæнын президент Путины æмæ президент Зеленскийы фембæлд
Нæ нысан у Турчы организаци скæнын президент Путины æмæ президент Зеленскийы фембæлд – фæнысангонды фæдыл Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан министрты кабинетимæ уагъд фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Дзырдæй ралæуды рæстæджы Турчы президент Уæрæсе-Украинайы хæсты темæйыл фæныхас кодта. Эрдогъан банысан кодта, цæмæй Турк дарддæр кæны тыхархайд хæст кæрон скæныны æмæ Украинайы дæргъвæтин сабырдзинад сфидар кæнынæн.
«Нæ нысан у Турчы организаци скæнын президент Путины æмæ президент Зеленскийы æхсæн бадзырдтæ, цæмæй дæргъвтин сабырдзинадмæ æрцæуæм», – райхъусын кодта Эрдогъан.
Турчы президент афтæдæр бахахх кодта хоры къæлидоры нысаниуæг æппæт дунейæн æмæ банысан кодта, цæмæй Сау Денджызы порттæй ифтонгад сног кæныны фæстæ, дунейы цæрджыты зæгъæн ис 30 процентæн та рæувадат ссис хойраг ацы регионæй.