Реджеб Тайип Эрдогъан ИНО-йы генералон ассамблейы ф æлгæтты Дональд Трампимæ фембæлын хъавы
Турчы президенты, Реджеб Тайип Эрдогъаны фидиуæнæй, сентябры уый ИНО-йы генералон ассамблейы фæлгæтты, АИШ-ы президент, Дональд Трампимæ фембæлдзæн Сирийы Цæгат-Скæсæн хайы æфсæддон операицты фарста æркæсынмæ.
Анкара æмæ Вавшингтоны бадзырдæй, дыууæдæр бæстæйы минæвæрттæ Сирийы сæгат-скæсæныТурчы арæнгæрон иумæйаг æфсæддон патрул кæнынмæ рахиздзысты.
«Америкæйы Иугнд Штатты 21-22 сентябры уыдзынæн ИНОзйы генералон ассамблейыл. Гæнæн ис уым Дональд Трампимæ фембæлон. Ацы темæтæ иу къуырийы размæ телефонæй æркастытæм æмæ ацы фарстатыл уым фæныхас кæндзыстæм. Æркæсдзыстæм уæмæй цы хуызы къахдзæфтæ сараздзыстæм Евфраты скæсæны, уымæн æмæ ис хъауджыдæрдзинæдтæ уый æхсæн цы сырæзт æмæ цы загъдæуыд. Махæн уый æрбиноныг кæнын æнæмæнгхъæугæ у» – райхъусын кодта Турчы президент.
Уый йеддæммæ ма, Реджеб Тайип Эрдогъан банысан кодта, цæмæй туркæн æнрайсгæ у АИШ-ы æрдгæй сирийаг курдаг хæцджыты кæй ахуыр кæнынц уый. Сирийаг курдæгтæ Сирийы, Исламы Паддзахады ныхмæ тохы Вашингтоны æмцæдисонтæ сты, Турк та, сæ террористтыл нымайы.
Турчы президент ноджы иу хатт фæныхас кодта планыл, кæцымæ гæсгæ дæо, Турчы уæвæг иу милуан сирийаг лигъдоны, Цæгат Сирийы æрцæрын кæнын план кæны. Эрдогъаны дзырдæй, фæнысангонд проекты сæххæстæн, Анкарайы бахъæудзæн æхсæнадæмон æххуыс. Турчы лидер, Европæмæ мигрантæн дуар байгом кæнынæй ноджы иу хатт бартъхъирæн кодта.