Реджеб Тайип Эрдогъан ИНО-йы  генералон ассамблейы ф æлгæтты  Дональд Трампимæ  фембæлын хъавы
Реджеб Тайип Эрдогъан ИНО-йы генералон ассамблейы ф æлгæтты Дональд Трампимæ фембæлын хъавы

Турчы президенты, Реджеб Тайип Эрдогъаны  фидиуæнæй,   сентябры  уый   ИНО-йы   генералон ассамблейы  фæлгæтты, АИШ-ы  президент, Дональд Трампимæ фембæлдзæн  Сирийы  Цæгат-Скæсæн  хайы  æфсæддон   операицты  фарста æркæсынмæ.

Анкара  æмæ Вавшингтоны  бадзырдæй,  дыууæдæр бæстæйы   минæвæрттæ Сирийы   сæгат-скæсæныТурчы арæнгæрон   иумæйаг  æфсæддон   патрул кæнынмæ рахиздзысты.

«Америкæйы Иугнд Штатты 21-22  сентябры уыдзынæн ИНОзйы   генералон ассамблейыл. Гæнæн ис  уым  Дональд Трампимæ  фембæлон. Ацы темæтæ  иу   къуырийы размæ  телефонæй   æркастытæм  æмæ  ацы  фарстатыл  уым  фæныхас кæндзыстæм.   Æркæсдзыстæм уæмæй  цы  хуызы  къахдзæфтæ  сараздзыстæм  Евфраты  скæсæны, уымæн æмæ  ис   хъауджыдæрдзинæдтæ  уый æхсæн   цы  сырæзт æмæ цы загъдæуыд.  Махæн уый  æрбиноныг кæнын æнæмæнгхъæугæ у» –  райхъусын кодта   Турчы  президент.

Уый йеддæммæ ма,  Реджеб Тайип Эрдогъан   банысан кодта, цæмæй   туркæн  æнрайсгæ у  АИШ-ы   æрдгæй сирийаг  курдаг хæцджыты кæй  ахуыр кæнынц  уый. Сирийаг курдæгтæ  Сирийы,   Исламы  Паддзахады  ныхмæ тохы   Вашингтоны  æмцæдисонтæ сты, Турк та, сæ  террористтыл  нымайы.

Турчы президент ноджы иу  хатт фæныхас кодта   планыл, кæцымæ гæсгæ  дæо, Турчы уæвæг  иу милуан сирийаг   лигъдоны, Цæгат Сирийы  æрцæрын кæнын  план кæны.   Эрдогъаны  дзырдæй,   фæнысангонд проекты  сæххæстæн, Анкарайы бахъæудзæн æхсæнадæмон æххуыс. Турчы  лидер, Европæмæ  мигрантæн дуар байгом кæнынæй   ноджы  иу  хатт бартъхъирæн кодта.