Æз хæстытæ нæ райдайдзынæн, хæстытæ æрлæууын кæндзынæн – уый фæдыл АИШ-ы æвзæрст президент, Дональд Трамп бузныджы ныхасы раисдтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, АИШ-ы хæстытæ бирæ азты дæргъы нæ уыд.
«Мах стæм æнæниззонд кæмæн ис, ахæм парти. Мах фæнды, цæмæй арæнтæ, æдасдзинад, хъуыддæгтæ уой хорз, æдас. Фæнды нæ хорз ахуырад, фидар æмæ æндæвдадджын гарзджын тыхтæ, идеалонæй уыдонæй пайда кæнын нæ хъæуы. Бирæ азты дæргъы нæм хæстытæ нæ уыд. Хæстытæ нæм нæ уыд, ныхмæвæрдæй, рекордон рæстæгмæ фæуæлахиз стæм «Исламон паддзахадыл», фæлæ нæм хæстытæ нæ уыд. Уыдон загътой, цæмæй уый хæст райдайдзæн, æз хæст нæ райдайдзынæн, хæстытæ фæуромдзынæн», -расидтис Дональд Трамп.