Реджеб Таийп Эрдогъан  хъусын кæны, цæмæй  Володимир Зеленскийæн банхъарыд  Владимир Путинимæ  фембæлын Турчы
Реджеб Таийп Эрдогъан хъусын кæны, цæмæй Володимир Зеленскийæн банхъарыд Владимир Путинимæ фембæлын Турчы

Турчы президент  Реджеб Тайип  Эрдогъан  хуъсын кæны, цæмæй  Львовы   уагъд  фембæлдыл  Украинайы президент  Володимир Зеленскийæн  банхъарыд   Уæрæсейы   президентимæ фембæлын  Турчы.

«Володимир Зеленскиимæ æркасытстæм  дыууæфарсон   æмгуыстады  алы аспект. Ноджы иу  хатт   райхъусын  кодтон,  цæмæй Украинайы территорион æнæхъæндзинадмæ нæ солидарондзинад æмæ фарсхæцын  адарддæр уыдзæн,  раст афтæ  загътон  Путинæн  дæр Сочæйы уагъд  фембæлды рæстæджы.   Бакой кодтон Володимир Зеленскийæн, цæмæй  нæ бон у  се хсæн фембæлд   организаци скæнын», –  райхъусын кодта Эрдогъан.

Украинайы  горæт Львовы  Турчы æмæ  Украинайы  президентты  афтæма  Ино-йы   генералон   нымæрдары фембæлд знон ацыд.