Рати Брегадзе - ахæст Саакашвилийы госпитализаци куы бахæъуа, уæд æй фæхæццæ кæндзыстæм специалон пенитенцион куысты №18 хосгæнæн уагдонмæ
Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæры мониторингы нысанæн арызт консилиумы фæстаг хатдзæгы дзырдæуы, цæмæй специалон пенитенцион куысты №18 хосгæнæн уагдон у мультифункцион клиникæ æмæ нæу æмбæстагон, кæцы цæттæ у ахæст Саакашвилийы райсынмæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны юстицийы министр Рати Брегадзе хицауады рабадты фæстæ лæвæрд брифингыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хатдзæгы зæгъгæ нæ дзырдæуы æмбæстагон клиникæйы тыххæй. Уыимæ иумæ, журналисты фарстыл, æмбæлгæ у æви нæ конкретонæй уыцы бæрæг стандарттæм уагдон, кæцытæ плангонд сты мультифункцион клиникæйæн, Рати Брегадзе банысан кодта:
«Знон уыдыстæм пенитенцион куысты 18-æм хосгæнæн уагдоны æмæ дохтыртæ нын куыд дзурынц, афтæмæй уагдон цæттæ у пациенты райсынмæ. Уыцы цауы кæд æмæ бахъæудзæн ахæст Саакашвилийы госпитализаци, уыйы аргъæвдзысты ацы уагдонмæ», – райхъусын кодта Рати Брегадзе.