Райсомæй акæнæг æмæ ментор ахуыргæнджытæн сæ мыздтæ фæфылдæр уыдзысты
Акæнæг ахуыргæнæг, кæцы æххæст режимæй кусы, 500 ларийы бæсты мызды хуызæй исдзæн 700 ларийы, æрмæст ментор ахуыргæнæг та – 1000 ларийы, 700-йы бæсты – уый фæдыл Фыццаг Къаналæн фехъусын кодтой ахуырады æмæ зонынады министрады.
«Нæ нысан у, æхсæнадон скъолайы ахуыргæнджытæн сæ мотивацийы сбæрзонддæр кæнын. Гуырдзыстоны масштабæй ацы этапыл æдæппæт 153 акæнæг æмæ авд та ментор ахуыргæнæг ис. Ацы инициативæ фыццаг этапыл баххæссдзæн уыдонмæ, æрмæст фидæны мыздты рæзынад,, профессион тынгады æмæ карьерон размæцыды схемæмæ гæсгæ, педгогтæ иннæ дыууæ категоримæ дæр баххæссдзæн» – райхъусын кодта, ахуырады министрады экономикон департаменты бюджетон уагдоны хистæр, Мариам Табатадзе.
Ахуыргæнджты профессион тынгады æмæ карьерон размæцыды схемæ ныридæгæн дыууæ аз у цы кусы.
Схемæмæ гæсгæйæ, педагогтæ 4 категорийыл – практикæйы, хистæры, акæнæг æмæ ментортыл адих сты.
Ацы сехмæ педгогтæн дæтты фадат йæ категорийы фæразæй уа æмæ уымæ гæсгæйæ дæр фылдæр мызд дæр райса.