Фыццагкълассæгты æппæтон регистраци абонæй  райдыдта
Фыццагкълассæгты æппæтон регистраци абонæй райдыдта

Фыццагклассæгты  æппæтон регистраци абон 09:00  сахатæй  райдыдта æмæ  13  июн хынцгæйæ  аххæсдзæн.  Регистраци  сæххæст уыдзæн   ахуырады  фæтдар информацион системæйы  официалон  веб-фарсыл – registration.emis.ge .

Ахуырады  министрады информацийæ, сывæллон системæй регистрацийы ауадздзæн  ныййарæг кæнæ закъонон  минæвар.

«Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты æмæ фæсивæдон хъуыддæгты министр Гиорги Амилахварийы  уынаффæйæ,  скъоладзау кары  фæдыл «иумæйаг   ахуыры фæдыл» Гуырдзыстоны закъонмæ ивддзинад уыд хаст.  Сæрмагондæй 2024-2025 ахуырадон азы фыццаг  классы регистрацийы ауадздзысты сывæллæтты,  кæцыты   6 аз 1-аг декабры онг сыххæст уыдзæн.

Гуырдзыстоны  ахуырады, зонæдты æмæ фæсивæдон хъуыддæгты министрад ныййарджытæм сиды, лæмбынæг æрзонгæ уой  регистрацийы  æмгъуыдтимæ æмæ  домæнтимæ, цæмæй сывæллоны  скъоламæ бакæнын  афоныл æмæ æнæкъуылымпыйæ бауа  сæ бон», –  бынсангонд у  ахуырады министрады  информацийы.