Райсомæй акæнæг æмæ ментор ахуыргæнджытæн сæ мыздтæ фæфылдæр уыдзысты
Райсомæй  акæнæг æмæ   ментор ахуыргæнджытæн сæ мыздтæ фæфылдæр уыдзысты

Акæнæг ахуыргæнæг, кæцы  æххæст режимæй  кусы,  500 ларийы  бæсты  мызды хуызæй   исдзæн 700 ларийы, æрмæст ментор ахуыргæнæг та – 1000  ларийы, 700-йы  бæсты – уый фæдыл Фыццаг Къаналæн   фехъусын кодтой  ахуырады æмæ  зонынады  министрады.

«Нæ нысан у,  æхсæнадон скъолайы  ахуыргæнджытæн сæ мотивацийы   сбæрзонддæр кæнын.  Гуырдзыстоны   масштабæй ацы  этапыл  æдæппæт  153 акæнæг  æмæ авд  та  ментор ахуыргæнæг ис.  Ацы инициативæ  фыццаг  этапыл  баххæссдзæн   уыдонмæ,  æрмæст  фидæны мыздты рæзынад,,  профессион тынгады  æмæ карьерон   размæцыды  схемæмæ  гæсгæ, педгогтæ иннæ дыууæ категоримæ дæр баххæссдзæн» – райхъусын кодта, ахуырады  министрады  экономикон   департаменты  бюджетон  уагдоны хистæр,  Мариам Табатадзе.

Ахуыргæнджты профессион   тынгады  æмæ   карьерон размæцыды  схемæ ныридæгæн  дыууæ аз у цы кусы.

Схемæмæ гæсгæйæ,  педагогтæ  4 категорийыл  – практикæйы,  хистæры, акæнæг æмæ   ментортыл  адих  сты.

Ацы сехмæ педгогтæн  дæтты фадат   йæ  категорийы фæразæй уа æмæ уымæ гæсгæйæ дæр фылдæр  мызд дæр райса.