Прокуратурæйы куырдиаты бындурыл, а.х. фæлывдмигæнæгон колл-центрты хъуыддагыл интерполы сырх циркулярæй агуырды уæвæг фæсарæйнаг æмбæстагæн экстрадицион ахст стæрхон ис
Гуырдзыстоны прокуратурæйы куырдиаты бындурыл, а.х фæлывдмигæнæг колл-центрты хъуыддагыл, Интерполы сырх циркулярæй агуырды уæвæг æмбæстагæн стæрхон ис экстрадицион ахст, – уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны прокуратурæ.
Уагдоны информацийæ, Тбилис горæты тæрхондон сразы ис прокуратурæйы куырдиатимæ æмæ а.х. фæлывдмигæнæгон колл-центрты хъуыддагыл Германийы Федерацион Республикæйы агуырды уæвæг уæнгæн, Гуырдзыстоны территорийыл ахст Албаны æмбæстагæн æртæмæййон экстрадацион ахст стæрхон кодта.
«Фæнысангонд гоймаг, организацигонд фыдгæнæгон къорды сæххæст бирæ эпизодджын фæлывдмдзинады æмæ æхца ссурс кæныны факттыл фæдагуырды фæлгæтты уыдис агуырдмæ лæвæрд.
Фыдгæнæгон куысты фæстиуæгæн Германийы Федерацион Республикйы æрмæст Баварийы зæххы территорийыл цæрæг идентифициргонд зианбавзарджыты нымæц 1000-æй хизы, æрмст зианы бæрц та 42 милуан евройæ фылдæр у.
Гуырдзыстоны прокуратурæ, æрцахстуæвæг гоймагы Германийы Федерацион Республикæмæ экстрадицийы нысанæн, æмбæлгæ барадон процедурæтæ ауадздзæн», – банысангонд у прокуратурæйы информацийы.