Прокуратурæ Саакашвилийæн  мидахсты стæрхон кæнын   домы
Прокуратурæ Саакашвилийæн мидахсты стæрхон кæнын домы

Михеил Саакашвилийы  ахсты хъуыддагыл,  фыццагон  æнæаргъæвгæ   фæдагурæн  мадзæлттæ   дарддæр кæнынц – уый фæдыл   информацийы  социалон хызагы  хæлиу кæны  Украинæйы  генералон прокурроры пресс-нымæрдар  Лариса Саргань.

Йæ фидиуæнмæ гæсгæ,  прокуратурæ  Михеил Саакашвилийæн  æфхæрды хуызæй,  мидахсты  æмæ  электронон  цонгдарæны  бафтауын куры.  Афтæдæр йæ  хъусинагæй,  Саакашвилиимæиумæ  сты  йæ  адвокаттæ,  æмæ алы архайд цæуы процессон закъондæттынадмæ æмбæлонæй.  Украинæйы  æдадсзинады  куысты  бæстыхайы цур, цы  ран ахсты уæвы Саакашвили,   хъахъхъæд фæтыхджындæ кодтой.  Бынатыл æмбырд сты   Михеил Саакашвилийы фарсхæцджытæ дæр.

Одесæйы  раздæры губернатор Михеил Саакашвилийы,  Киевы цалдæр сахаты размæ æрцахстой.