Измиры  тæрхондон,  америкаг пасторы  мидахстæй суæгъд кæныныл не  сразы ис
Измиры тæрхондон, америкаг пасторы мидахстæй суæгъд кæныныл не сразы ис

Турчы  сахар  Измиры  тæрхондон,  америкаг пасторы  мидахстæй суæгъд кæныныл не  сразы ис. Уый фæдыл  информацийы   рауагъдад  Haberturk хæлиу кæны.  Эндрю Брансоны  адвокат  æмбæлон аппеляци бавдыста 14  августы.

Уый тæрхондоны уынаффæйы спротест кæныны  нырид  дыккаг цау у.

Турчы хицауад америкаг пастор, Эндрю Брансоны  динамонæг  Фетулла Гюлленимæ  бастдзинады  зылыныджын кæны.   Анкъарайы хъуыды кæнынц,  цæмæй  2016 азы  æфсæддон фæлдæхты   архайды  фæстæ, растдæр  Гюллены  сусæг   организаци  лæууы.  14 августы  америкаг пасторы  абæрæг кодта  Турчы  АИШ-ы  минæвар.

Вашингтоны  Анкъарамæ æрсидтис пасторы  ссæрибар кæнынмæ.  Эндрю Брансоны  хъъуыддаг  НАТО-ы уæнг  æмцæдисонты  æхсæн ахастытæ  фæкарз кодта.