Юрий Луценко – алы амæлттæй бацархайдзыстæм апатрид Саакашвили фæдæвзарæны раз ралæууа
Юрий Луценко – алы амæлттæй бацархайдзыстæм  апатрид Саакашвили  фæдæвзарæны раз ралæууа

Украинæйы   генералон прокуррор  Юрий Луценко æрсидтис Саакашвилимæ, йæхæдæг бацæуа   фæдæвзарæг уагдонмæ.  Уый фæдыл   Юрий Луценко  Уæллагдæр Радæйы   дзырдæй ралæуды рæстæджы расидтис.

Прокуррор  Радйæ уæнгтæн, Одессæйы раздæры губернаторы  æмæ  йæ æмбæлтты  хъуыддаджы  фæдагуырды детæлтты фæдыл орадзырдта.

Луценкойы фидиуæнæй,  24 сахатыц фæстæ, Украинæйы  барадхъахъхъæнæг  оргæнтæ, алцыппт сараздзысты  цæмæй  Саакашвилийы  фæдæвзарæнмæ раттой.  Луценкойы ныхæстæм гæсгæ,   Сакашвилийы  феуæгъды  фæстæ,  мидахсты фæдыл прокуратурæйы куырдиат гæнæн ис  ногæй æркæсой.

Украинæйы  генералон прокуррор фæдæвзарæг уагдонимæ  æмкуысткæнынмæ æрсидтис Саакашвилийы фарсхæцджытæм дæр.