Никанор Мелиайы хъуыддажы зылынгæнæг фарсмæ уæвæг бæлвырдгæнæнтæм гæсгæйæ, сæ нымæцы видео-бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ, генералон прокуратурæйы сæрмагонд брифинг ацыд.
Прокуратурæйы райхъусын кодтой, цæмæй Ника Мелиайы сæрылдзурæг фарс сарызта видео-æрмæгы сæрмагонд верси æмæ æхсæнады рæдыды бафтыды тыххæй, хъауджыдæргонд интерпретацийæ равдыста дзыллæйæн.
«Сæрмагондæй та ацы видео-æрмæг, кæцы æнæфæсайгæйæ бæлвырд кæны Никанор Мелиайы зылынджындинад, самал кодта зылынгæнæг фарс æмæ закъоны æххæст домæнтæм æмбæлгæйæ алæвæрдта йæ иргъæвæг фарсмæ. Сæрылдзурæг фарс ацы æрмæгыл æнцойæ смонтаж кодтой видео-æрмæгы сæрмагонд версий æмæ æхсæнадмæ мæнг хъуыдыййы сæвзæрыны кæнынæн, хъауджыдæргонд интерпретацийæ равдыста æхсæнадæн…
Видео-бæлвырдгæнæны æххæст версийы деталон анализы фæстиуæгæн мах уынæм, куыд архайдта Никанор Мелиа, парламенты бæстыхаймæ балæбурыны нысанæй сæххæст тыхмидзинады актæн раттаит цæстмæ сабырадон равг, кæцы йæ æнхъæлцау, тугтæрхоны барады бæрнæй хиаиуварс кæнынæн хъуыдис. Никанор Мелиа, реалон фыдгæнæгон фæнд бамбæхсынæн, периодгай пайда кодта ахæм сидтытæй, цахæм дæр сты, «Мах хъуамæ бацæуæм, сабырæй, къухтæ уæлийæ даргæйæ парламенты бæстыхаймæ» æмæ афтæ дарддæр. Ацы нысанæй уыдис Никанор Мелиайы цæстмæ цæттæдзинад, бадзырдты фæндагæй конфликт аскъуыддзаг кодтаит, уымæн æмæ ацы сабырадмæ сидтыты параллелонæй, тыхмигæнджытæ цалдæр ран полицийы кордон атыдтой, кæцы расайдта полицийы æрдгæй тыхмигæнджытæн ныхкъуырд раттыны нысанæй специалон фæрæзтæй пайда кæныны хъæуындзинад…
Гуырлдзыстоны генералон прокуратурæ фæдæвзарæн процессы рухсдзыддзинад ситонг кæнынæн дарддæр кæны куындæг æмгуыстад адæмон хъахъхъæнæгимæ æмæ æнæхицауадон организацитимæ. Фæдæвзарæны фæстиуджыты фæдыл дзыллæ афоныл уыдзæн информиргонд.
Прокуратурæ æнæреакцийæ нæ ныууадздзæн фæдæвзарæны дискредитацийы иунæг архайд дæр, кæй æрдгæй ма цæуæт уый. Ацы рæстæджы æмбæлон фæдæвзарæн уагдæттæ сбæлвырд кæндзысты алы уыцы уæнгы аххосджындзинад, кæцытæ къухдариуæг кодтой къордон тыхмидзинадæн æмæ хайад истой уыцы архайдты, парламенты бæстыхаймæ балæбурыны нысанæй» – райхъусын кодтой генералон прокуратурæйы.