Прокуратурæ  Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн зылынгæнæн  бавдисдзæн æмæ сын мадзæлттæ скæныны куырдиатæй тæрхондонмæ  баздæхдзæн
Прокуратурæ Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн зылынгæнæн бавдисдзæн æмæ сын мадзæлттæ скæныны куырдиатæй тæрхондонмæ баздæхдзæн

Прокуратура  «ТВС Банкъы» æвджиддар советы  сæрдар æмæ  хæдивæгæн,  Мамука Хазарадзе æмæ Бадри  Джапаридзейæн  аххосаг  бавдисдзæн  æмæ  сын мадзæлттæ скæныны  тыххæй   тæрхондонмæ баздæхдзæн, – уый фæдыл генералон прокуратурæйы  уагъд брифингыл  прокуррор   Саломэ Чикобава   райхъусын кодта.

Прокуратурæйы  хъусинагæй,   уагдони рахаста  уынаффæ  Мамука Хазарадзе æмæ  Бадри Джапаридзейы аххосагы  тыххæй.

«Æхсæнадæн бæрæг куыд афтæмæй,   2018 азы  2  августы   Гуырдзыстоны  генералон прокуратурæ, рывнæлдта  фæдæвзарынмæ акцион æхсæнад  «ТВС Банкъы»  æвджиддар советы  сæрдары æмæ йæ   хæдивæгы æрдгæй, æнæзакъонон æфтиагы легализацийы   фактыл.

Бæрзонд æхсæнадон интересы тыххæй,  фæнды нæ дзыллæйæн фехъусын кæнын, цæмæй  тугтæрхоны барады   хъуыддагыл  цæугæ  фæдæвзарæны фæлгæтты   райст  бæлвырдгæнæнты  анализы  фæстиуæгæн хаст æрцыд хатдзæггæнæн  уынаффæ.

Хаст у уынаффæ  Мамука Хазарадзейы æмæ Бадри Джапаридзейы  аххосдзинады тыххæй,  се æрдгæй, къордгай, 16  754 000 америкаг  доллары  æнæзакъонон æфтиагы  легализацийы фактыл, кæцыимæ   æфтыд ис  сæрмагондæй  егъау бæрцæй  æфтиаг райст (фыдракæнд нымадмæ ист у  Гуырдзыстоны тугтæрхоныбарады  кодексы  194-æм статийы  2-аг хайы «А»  æмæ 3-аг хайы «Г» дæлпункттæй).

Афтæма нæ  фæнды  фехъусын уын кæнæм, цæмæй  Мамука Хазарадзе æмæ Бадри  Джапаридземæ  абон фæсидтыстæм  Гуырдзыстоны генералон прокуратурæмæ,  уыдонæн  зылынгæнæг уынаффæйы  бавдисыны нысанæй.

Гуырдзыстоны  генералон прокуратурæ  М. Хазарадзе æмæ Б. Джапаридзейæн  зылынгæнæг  бавдисыны фæстæ,   баздæхдзæн тæрхондонмæ  куырдиатæй,   мадзæлттæ  скæныны  тыххæй.

Мадзæлтты хуызы фæдыл информацийы, дзыллæйæн  фехъусын кæндзыстæм  уæлæмхасæй», – райхъусын кодта   прокуррор  брифингыл .