Прокуратурæ кусæн æххæстбарты сæрты ахизыны гæнæн фактыл фæдæвзарæнмæ æрывнæлдта
Мегрелиа-Уæллаг Сванеты бæстæйон прокуратурæйы райдыдта фæдагуырд кусæн æххæстбарты тыхмийæ сæрты ахызты гæнæн фактыл Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 333-аг статийы æртыккаг хайæ.
Уый фæдыл информацийы хæлиу кæны сæйраг прокуратурæ.
Уагдоны хъусинагæй, фæдагуырды райдайынæн бындурæй æссис массон информацион фæрæзты ахæлиугонд фото æмæ видео-æрмæг, кæцыйы дæр æнхъæлцау æвдст у Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты кусæджы æрдгæй, гæнæн кусæн æххстбарты сæрты ахизыны факт.
«Бæрзонд æхсæнадон интересæй рацугæйæ, райхалдзыстæм, цæмæй Мегрелиа-Уæллаг Сванеты бæстæйон прокуратурæйы фæдæвзарыны хайæ цыдис фæдагуырд Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты сæрмагонд хæслæвæрдта 2-аг уагдоны тагъд реагиргæнæг 2-аг ротæйы æхсæгы Б.Р.-ы æнæрхъуыдыдзинадæй марындзинады фактыл. 2017 азы 28 октябры Д.ДЖ.-ыйæн бавдыстæуыд аххосаг Б.Р. нæхызгæдзинадæй марындзиады фактыл. Ныр хъуыддагыл цæуы лæмбынæг каст. Фæнысанкæнинаг у, цæмæй прокуратурæйы минæвæрттæн зианбаййафджытимæ уыд æнæ иу фембæлд, фæлæ сæ иунæг дæр, нæ равдыста фæмардуæвæгы телефон æмæ фотоæрмæг. Знон ахæлиугонд видеокадрты фæстæ, фæдæвзарæн мадзæлтты ауадзыны нысанæй, прокуратурæйы минæвæртты æрдгæй сæххæст ис коммуникаци Б.Р.-ы бинонты уæнгтимæ æмæ сæ интересты хъахъхæнæг адвокатимæ.
Уыдон æркуырдтой фембæлды ахæцын æмæ равдыстой фæдæвзарæг уагдонимæ æмкуысткæнынадмæ цæттæдзинад. Фæдагуырды фæлгæтты сырæздзæн алы нæмæнгхъугæ фæдæвзарæн æмæ процессон архæйдтытæ, хъуыддагыл рæстдзинады раргом кæныны нысанæй. Фæстиуджыты фæдыл информаци лæвæрд цæудзæн дзыллæйæн» – банысангонд у прокуратурæйы фидиуæны.