Прокуратурæ кусæн æххæстбарты сæрты ахизыны гæнæн фактыл фæдæвзарæнмæ æрывнæлдта
Прокуратурæ  кусæн æххæстбарты сæрты ахизыны  гæнæн фактыл  фæдæвзарæнмæ æрывнæлдта

Мегрелиа-Уæллаг Сванеты  бæстæйон   прокуратурæйы   райдыдта  фæдагуырд   кусæн æххæстбарты  тыхмийæ сæрты ахызты  гæнæн фактыл  Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы  333-аг  статийы  æртыккаг  хайæ.

Уый фæдыл   информацийы  хæлиу кæны сæйраг прокуратурæ.

Уагдоны хъусинагæй,   фæдагуырды  райдайынæн  бындурæй æссис  массон   информацион  фæрæзты  ахæлиугонд   фото æмæ  видео-æрмæг,  кæцыйы дæр æнхъæлцау æвдст у   Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады  сæрмагонд хæслæвæрдты  департаменты  кусæджы  æрдгæй,  гæнæн  кусæн æххстбарты  сæрты ахизыны факт.

«Бæрзонд  æхсæнадон интересæй рацугæйæ,  райхалдзыстæм, цæмæй  Мегрелиа-Уæллаг Сванеты  бæстæйон прокуратурæйы  фæдæвзарыны  хайæ цыдис   фæдагуырд   Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады  сæрмагонд хæслæвæрдты    департаменты   сæрмагонд хæслæвæрдта 2-аг  уагдоны   тагъд реагиргæнæг  2-аг ротæйы  æхсæгы  Б.Р.-ы  æнæрхъуыдыдзинадæй  марындзинады фактыл.  2017 азы 28 октябры  Д.ДЖ.-ыйæн бавдыстæуыд   аххосаг  Б.Р.  нæхызгæдзинадæй  марындзиады  фактыл.  Ныр хъуыддагыл цæуы лæмбынæг каст.   Фæнысанкæнинаг  у, цæмæй   прокуратурæйы  минæвæрттæн зианбаййафджытимæ   уыд æнæ иу  фембæлд,  фæлæ сæ  иунæг дæр, нæ равдыста  фæмардуæвæгы   телефон æмæ фотоæрмæг.  Знон ахæлиугонд   видеокадрты  фæстæ,   фæдæвзарæн  мадзæлтты ауадзыны  нысанæй,   прокуратурæйы минæвæртты  æрдгæй  сæххæст ис  коммуникаци   Б.Р.-ы  бинонты уæнгтимæ  æмæ сæ интересты хъахъхæнæг  адвокатимæ.

Уыдон æркуырдтой  фембæлды ахæцын æмæ  равдыстой фæдæвзарæг уагдонимæ   æмкуысткæнынадмæ цæттæдзинад.  Фæдагуырды  фæлгæтты  сырæздзæн   алы нæмæнгхъугæ  фæдæвзарæн æмæ  процессон  архæйдтытæ, хъуыддагыл рæстдзинады  раргом  кæныны  нысанæй.  Фæстиуджыты  фæдыл  информаци  лæвæрд цæудзæн дзыллæйæн» –  банысангонд у прокуратурæйы фидиуæны.