Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй, хицауады рабадт ацыд. Хицауады администрацийы пресс-куысты инфорамцийæ, министрты кабинеты уæнгтæ боны фæткæй бæрæг 22 фарста æркастысты.
Афтæма сæ информацийæ, Гуырдзыстоны хицауад сбæлвырд кодта экономикæйы министрады бакуыст 2023-2030 азты транспорты æмæ логистикæйы националон стартеги æмæ йæ 2023-2024 азты архайадон план.
«Стратегийы ис дæргвæтин цæстæнгас, нысæнттæ æмæ рардтæ Гуырдзытсоны, куыд регионон транспортон æмæ логистикон хаббæй скæнын баахъаз кæнынæн. Документы сæрмагонд хъусдард здæхт у логитсикон секторы стынг кæнынмæ æмæ логистикон лæккады гъæд фæхуыздæрмæ, афтæма автомобилон, æфсæнвæндагон, денджызон транспорты, æмбæстагон авиацийы сферæты эффективон куыст срæвдз кæнынмæ æмæ æхсæнадæмон транспортон маршрутты конкурентхъомад сбæрзонддæрмæ. Иурæстæгонæй, стратегийæн йæ нысан у, фæллойады базары домæнтæ, хъæуындзинæдтæм æмбæлон адæймагон капиталы райрæзт транспорты æмæ логистикæйы секторы.
Уæзты транспортацийæн къухацаразынимæ иумæ, приоритетон фарста у бæлццонон змæлды райрæзын кæнын. Документы кæсыны рæстæджы хаххгондæй банысан ис, цæмæй транспортон хызагы фæхуыздæр, транспортон лæккады æмæ æдадсзинады æмвæзады сбæрзонддæр кæнын, иттæг нысаниуæгджын у мобилондзинады домæнтæ сæххæст кæныны æмæ Гуырдзыстоны туристон потенциал стынг кæнынæн.
Стратегийы экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрад Дунейон Банкы æххуысæй, æмбæлгæ паддзахадон уагдæттыимæ æмкуыстгæнгæйæ æрцæттæ кодта. Уыимæ уагъд уыдис æхсæнадон консультациты цалдæр раунд, кæцыты бындурыл ист рекомендациты стыр хай рагхыгъдгонд уыдис документы фæстагон версийы.
Фарста кæсыны рæстæджы банысан ис, цæмæй глобализаци æмæ Евроцæдисимæ рæзгæ экономикон цæдистæ Гуырдзыстоны æхсæнадæмон базарадмæ æххæст интеграцийы уникалон фадат дæтты. Уый адыл, ацы процессы транспорты æмæ логистикæйы сектор иуæй-иу скуыдзаггæнæг роль хъуамæ сыххæст кæна. Афтæма банысан ис, цæмæй ацы æрдгæй сæрмгаонд нысаниуæгджнын у Евроцæдисы транспортон системæмæ Гуырдзыстоны интеграци, кæцы йæ хъуыдыйы дары Европаг стандарттæ æрфидар кæнын æмæ транспортон цæдистæ фæхуыздæр кæнын», – банысангонд у хицауады администрацийы пресс-куысты информацийы.