Премьер-министры хыгъдлæвæрд -  хицауадæн сæрмагондæй приоритеон у дихгæнæг хаххытæй фæхицæнгонд дзыллæты æхсæн  æмгуыстад, фидыд æмæ  æууæнк сæндидзын баахъаз кæнын
Премьер-министры хыгъдлæвæрд - хицауадæн сæрмагондæй приоритеон у дихгæнæг хаххытæй фæхицæнгонд дзыллæты æхсæн æмгуыстад, фидыд æмæ æууæнк сæндидзын баахъаз кæнын

Гуырдзыстоны бæрзонддæр  ахуыргæнæндæтты  оккупацигонд территоритæй   студентты нымæц,  афæдзæй-афæдзмæ  фылдæр кæны.  Уый фæдыл банысангонд у  премьер-министры  хыгъдлæвæрды, кæцы  парламентмæ  бюройы  абоны рабадтыл  уыдзæн бавдыст.

Документы  банысангонд у, цæмæй  2020  азы  алы программæмæ  гæсгæйæ,   398  студент  бахауд  уæллаг ахуырмæ, кæцы  раззаг   азтимæ  абаргæйæ  æртывæр  нымæц  у.

«Банысан кæнын хъæуы уый æмæ 2020 азы, оккупацион хаххыл сæрибар змæлдыл  арæнæвæрды уавæрты, падзахады тыхархайдæй  æмæ  æнæформалон  амæлттæй архайыны фæрцы бантыстис, оккупацигонд регионты цæрæг  1000-æй  фылдæр   студенты   æмæ  ахуыргæнинагы, афтæдæр семæ уæвæг  уæнгты  организацигондæй  ракæнын Гуырдзыстоны  контролгонд территоримæ, ахуыр  æнæкуылымпыйæ  адарддæр кæныны нысанæн.   Гуырдзыстоны  хицауадæн сæрмагондæй  приоритеон  у  дихгæнæг  хаххытæй фæхицæнгонд  дзыллæты æхсæн æмгуыстады,  фидыды  æмæ æууæнкы  сæндидзын баахъаз кæнын.  Ацы æрдæм, дарддæр кæны алы уæвæг формалон  æмæ æнæформалон  амæлттæй  пайда  кæнын, æхсæнадæмон  партнерты æххуысы  фæрцы, уæвæг   хъæуындзинæдтæ идентификацийы  æмæ сыл афоныл реагиркæнынадæн.  Тынг фæстиуæгджын коммуникаци  цыдис  пандемиимæ баст фарстæтыл. Банысан кæнинаг у уый æмæ, хыгъдон периоды паддзахадон министры аппаратæй  бирæ разы дзуапп уыд  лæвæрд  оккупацигонд регионтæм  æхсæнадæмон  æмæ æнæхицауадон организациты  58  ног проектæн, кæцыты 60%   фæхицæнгонд дзыллæты æхсæн уыдис æууæнк сæндидзын кæнынæн.  Оккупацион  хаххыд  архайæг арæнæвæрдты уавæрты, кæцыйы тыххæй Абхазы æмæ Цхинвалы Регионтæй  абитуриенттæн  физиконæй нæ уыд фадат  Гуырдзыстоны контролгонд территоримæ  афоныл рахизын  æмæ   националон фæлварæнты  хайад райсын, алы абитуриент  æнæфæлварæнтæй  бахауд  уæлдæр ахуыргæнæндæттæм», –  дзырдæуы хыгъдлæвæрды.